Ӕхсӕнадон палатӕ ӕмӕ политикон партитӕ бафыстой бадзырдтӕ ӕмгуыстады тыххӕй
Ӕхсӕнадон палатӕ ӕмӕ политикон партитӕ бафыстой бадзырдтӕ ӕмгуыстады тыххӕй
Ӕхсӕнадон палатӕ ӕмӕ политикон партитӕ бафыстой бадзырдтӕ ӕмгуыстады тыххӕй Паддзахадон Думæмæ ӕвзӕрстыты агъоммӕ, нысангонд сты æстæсæмæй дыууынæм сентябрьмæ. Документы сӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдтой "Иугонд Уӕрӕсе", "Комкоммӕ демократийы парти", "Родина", "Уæрæсейы либералон демократон парти" ӕмӕ "Уӕрӕсейы Коммунистты" минӕвӕрттӕ. Сӕйраг нысан — хъӕлӕс кӕныны цыдмӕ иумӕйагæй кæсын, хӕдбар ӕмӕ раст цӕстдард снысан кӕнын. Архайджытӕ цӕттӕ сты комкоммæ ныхасмæ, сӕ зӕрды ис ӕргом информаци дӕттын ӕмӕ фæткæлдтытæ бауромын. Бадзырд ма иу хатт æвдисы ӕвзӕрстыты рӕстӕг ӕхсӕнадон цӕстдарды ахадындзинад фӕтыхджындӕр кӕнынмӕ тырнындзинад.