Дзæуджыхъæуы завод "Кетон"-ы территорийыл æрцыд зынгсирвæзт
Дзæуджыхъæуы завод "Кетон"-ы территорийыл æрцыд зынгсирвæзт
Дзæуджыхъæуы завод "Кетон"-ы территорийыл зынгсирвæзт аххуысын кодтой. Хъыгдард дзы ничи баййæфта. Ныртæккæ куыстуаты дарддæр сты сæрмагонд ведомствæты специалисттæ. Арт апарахат 500 квадратон метрыл. Бынаты архайынц 57 специалисты æмæ техникæйы 14 иуæджы. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады пресс-службæйы куыд фехъусын кодтой, афтæмæй ирвæзынгæнджыты басгæрсты рæстæг сбæрæг, телтæ кæй ссыгъдысты, уый. Зынгсирвæзтæн нысангонд æрцыд дыккаг бæрзонд ранг.