Цӕгат Ирыстонмӕ балӕвар кодтой Мария Ясыняйы стджыты хæйттæ
Цӕгат Ирыстонмӕ балӕвар кодтой Мария Ясыняйы стджыты хæйттæ
Чырыстон диныл хӕст адӕмӕн — ахсджиаг цау. Цӕгат Ирыстонмӕ ӕрбаластой Сыгъдæг Мария Ясыня Алайнаджы уаз стджыты хæйттæ. Республикӕйæн ахæм лæвар скодта Владимиры æмæ Суздалы митрополит Владимир. Кадджын мадзал æмæ бӕрӕгбоны службӕ ацыдысты Дзӕуджыхъӕуы, сыгъдӕг кънйаз Владимиры аргъуаны. Рагон азфыстытӕм гæсгæ, Мария Ясыняйæн уыд алайнаг уидӕгтæ. Смой кодта Владимирмæ. Кънйаз Всеволод Большое Гнездоимæ сын райгуырд 12 сывӕллоны. Уыдонæй 8 систы дзуӕрттӕ. Мария Ясыня у зындгонд кънйаз Александр Невскийы нана, уырыссаг ӕмӕ ирон адӕмты монон иудзинады символ.