Дзӕуджыхъӕуы ацыд туристон квест «Первооткрыватель» Кӕсӕг-Балхъарӕй делегацийӕн
Дзӕуджыхъӕуы ацыд туристон квест «Первооткрыватель» Кӕсӕг-Балхъарӕй делегацийӕн
Дзӕуджыхъӕуы ацыд «Первооткрыватель», зæгъгæ, туристон квест. Кӕсӕг-Балхъарӕй 23 минæвары ӕмӕ 17 бынӕттон бархионы абалц кодтой сӕйраг сахары зӕронд уынгтæм. Экскурси рауад цымыдисаг. Алы æрлæууæны дæр уыци-уыцитӕ, шифртӕ ӕмӕ хӕслӕвӕрдтӕ. Хъазты хуызы архайджытӕ базыдтой ирон культурӕйы сусӕгдзинӕдтӕ, æвзæрстой традицитæ, сæйраг уынгты архитектурæйы иу ссардтой æнæнхъæлæджы хицæндзинæдтæ. Проект ма сси регионты 'хсӕн хӕлардзинады хид. Раздӕр нӕ активисттӕ сӕхӕдӕг цыдысты Налцыкмӕ ӕмӕ архайдтой "Фыццӕгты Уалдзыгон балы". Ныр та суазæг кодтой сыхаг республикæйы фæсивæды. Мадзаларазджыты ныхæстæм гæсгæ, ахӕм фембӕлдтыты сӕйраг нысан у республикӕты 'хсӕн хорз ахастдзинæдтæ фидар кӕнын. Квест расидтысты Цӕгат Ирыстоны Фыццæгты Змӕлды Совет æмӕ регионалон хайад.