Сергей Меняйло амыдта ӕрвылкъуырион аппаратон ӕмбырд
Сергей Меняйло амыдта ӕрвылкъуырион аппаратон ӕмбырд
Цӕгат Ирыстоны артаджы æвæрæнтæ ӕмӕ ӕввонгад фылдæр кæнынц. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министр Хъараты Тимур. Абоны бон регионы ис 2360 тоннӕйы бензин ӕмӕ 2023 тоннӕйы дизель. Артаджы станцæты рад къаддæр кæны. Уыимӕ ма ноджы 1365 тоннӕйы бензин ӕмӕ 2093 тоннӕйы дизель ис фӕндагыл. Ӕрныхас кодтой ӕндӕр темӕтыл дӕр. Фӕззыгон-зымӕгон рӕстӕгмӕ цӕттӕдзинад у 67%, цӕуы нысангонд фæткмæ гæсгæ. Бирæфатерон хæдзæртты ныккæдтæ æфснайын райдыдтой. Дзырдтой ма скъолаты тӕвд хӕринагæй ифтонгадыл. Сергей Меняйло йе 'ргом аздæхта амалхъом адæм кæм рамбулынц, ахӕм конкурстæ кæнынмæ. Афтӕмӕй та ӕппӕт архайд хъуамӕ æххæст кæна скъолайы хӕлцады комбинат. Ахуыргӕнӕндӕттӕм цы хойраг дӕттынц, уый хъуамӕ цӕуа "Меркурий"-ы системӕйы уылты. Ноджы ма иу ахсджиаг фарста — этнокультурон фестиваль "Рон" аразыны рӕстӕг ӕдасдзинад æххæст кæнын. Мадзаларазджытæ баныхас кодтой сӕрмагонд организациимæ 60 кусӕджы снысан кæныны тыххӕй, фӕлӕ ӕрвыст ӕрцыд ӕрмӕст 18 хъахъхъæнæджы. Регионы разамонӕг фæткхæлдтыты тыххæй фарста рæгъмæ рахаста.