Цæгат Ирыстоны æххæст кæнынц нацпроект "Бинонтæ"
Цæгат Ирыстоны æххæст кæнынц нацпроект "Бинонтæ"
Цæгат Ирыстоны æххæст кæнынц нацпроект "Бинонтæ". Йæ фæлгæты цæрджытæ исынц алыхуызон æххуыс. Зæгъæм, лæвар цæуынц музейтæм, пайда кæнынц æхсæнадон транспортæй, сывæллæтты рæвдауæндоны бынат райсынмæ рады лæууын нæ хъæуы. 8 мин бирæсывæллонджын бинонты кæстæртæ скъолайы хæрынц лæвар, 3 мин бинонтæ та сывæллæтты рæвдауæндæттæй исынц компенсаци. Уый сын у ахсджиаг æххуыс. Уæлдай цæст дарынц социалон контрактмæ, уый хорз фадат дæтты хи куыст байгом кæныны, хæдзарады райрæзты, ахуырад райсыны æмæ куыст ссарыны фарстаты.