Хӕххон аграрон университеты уалдзыгӕнд культурӕтӕ ӕфснайын райдыдтой дӕргъвӕтин къӕвдаты фӕстӕ
Хӕххон аграрон университеты уалдзыгӕнд культурӕтӕ ӕфснайын райдыдтой дӕргъвӕтин къӕвдаты фӕстӕ
Сысджыйы æфсир ӕмхуызон нӕ цæттæ кӕны. Уӕллаг хай тагъд ахус вæййы. Уымӕ гӕсгӕ йӕ дымгæ, гæнæн ис, æмæ æрызгъала, цалынмæ йе 'фснайынмæ бавналай, уæдмæ. Ныртӕккӕ Хӕххон аграрон университеты быдырты архайынц æвæстиатæй. Сæрдыгон куыстытæ ацы культурæйæ фæвæййынц. Ацы аз-иу боныхъӕд фылдæр хатт зæхкусджыты фарс нæ уыд. Тыхджын къӕвдатӕ урӕдтой техникӕ. Уымæлад бæрзонд кӕй уыд, уымӕ гæсгæ хӕмпӕлгӕрдӕг тагъд зад. Тыллӕг фервӕзын кӕныны тыххӕй университеты специалистты ӕппӕт хуымтӕм дӕр гербицидтæ хæссын бахъуыд. "Фарон тыхстыстæм хус рӕстӕгæй. Ацы аз нæ бахъыгдæрдтой къӕвдатӕ. Уалдзӕг ӕмӕ сӕрд уыдысты тынг къӕвдаджын. Уый аххосӕй тыллӕг афоныл ӕмбырд кӕнын нӕ бон нӕ уыд. Фӕлӕ ныртӕккӕ кусӕм. Бӕрзонд уымӕладмæ гæсгæ-иу хӕмпӕлгӕрдӕг хæрдмæ ныццавта. Хуымтӕм базылдыстӕм сӕрмагонд буаргъдтæй. Уыцы фарста алыг кодтам, фӕлӕ тыллӕджы иу хай уӕддӕр фесæфт". Фæлæ къæвдатæ пайда дæр æрхастой. Зӕхх бирӕ дон райста. Фаронимæ абаргæйæ, ацы аз ӕфсир фæбӕзджындæр, хор — фæудджындæр. Зæгъæм, нартхоры 250 гектары сæ фаг уымӕлад райстой. Ам зæрдæ дарынц æрмæст хорз тыллӕг ӕрӕмбырд кӕныныл. "Ацы аз тыллӕгӕрзад хъуамæ уа фаронӕй бирӕ бӕрзонддӕр. Уый ныридӕгӕн бӕрӕг у фӕззыгӕнд культурӕтыл. Нартхормӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм. Фарон хус рӕстӕг скодта. Ацы аз боныхъӕд у къӕвдаджын ӕмӕ сатӕг, уымӕ гӕсгӕ зайы хорз. Нӕ зӕрды ис республикӕйы рӕстӕмбисӕй фылдæр тыллӕг сисын". Сысджыйы иу хай ныууадздзысты мыггӕгтæн. Иннӕ хор фермӕмӕ арвитдзысты. Кусджытӕ архайынц ӕнӕулӕфгӕйӕ. Ныртӕккӕ техникӕ цӕттӕ кӕнынц сӕйраг ӕмӕ стырдӕр къӕпхӕнмæ — нартхор ӕфснайынмӕ.