Цӕгат Ирыстоны уыд ӕппӕтуӕрӕсеон марафоны регионалон къæпхæн
Цӕгат Ирыстоны уыд ӕппӕтуӕрӕсеон марафоны регионалон къæпхæн
Цӕгат Ирыстоны ацыд ӕппӕтуӕрӕсеон спортивон марафон "Земля спорта"-йы регионалон къæпхæн Архайдтой дзы республикӕйы алы районтӕй 250 адӕймаджы. Ерыс кодтой спорты 6 хуызы: лæвæрдтой ГТО-йы нормӕтӕ, ӕвдыстой сӕ тых, архайдтой бинонты эстафетæты, хъазыдысты волейболӕй, мини-футболӕй. Ацы проекты сӕйраг нысан у ӕппӕт Уӕрӕсейы цæрджытæн спортӕй архайын райдайынӕн баххуыс кӕнын. Ерысты уӕлахиздзаутӕ ацӕудзысты бӕстӕйы сӕйраг марафонмæ. Мадзал æрвылаз дӕр ацæуы Хъӕууон хӕдзарады ӕмӕ Спорты министрады хъæппæрисæй.