Беслæны дарддæр цæуы мемориалон комплекс "Зæдты сахар"-ы рацарæзт

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

14 дней назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

Беслæны дарддæр цæуы мемориалон комплекс "Зæдты сахар"-ы рацарæзт

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

14 дней назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

14 дней назад

Беслæны дарддæр цалцæг кæнынц мемориалон комплекс "Зæдты сахар". Ныртæккæ цæуы сæйраг цыртдзæвæн "Хъыджы бæлас"-ы рацарæзт. Конструкци райхæлдтой, уæлæмхасæн иртæстыты фæстæ. Специалисттæ бæрæг кæнынц, цæджындзтæ фидардзинады æмæ æдасдзинады домæнтæн дзуапп дæттынц æви нæ, уый. Куыстыты цыдмæ йæ цæст дары республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Цæрæнуæтты коммуналон хæдзарад æххæст кæны архайды æрвылбоны мониторинг. Уæлмæрды фæзуатыл сарæзтой цъæхфæлыстæн дон пырхгæнæн системæ. Уыимæ бацæттæ кодтой бындур брусчаткæйæн. Ныртæккæ специалисттæ архайынц гранит къæйтыл. Сæйраг къæпхæн фæуынмæ хъавынц саударæн мадзæлтты размæ. Рацарæзт цæуы "Цæгат Кавказы федералон зылды райрæзт"-ы паддзахадон программæйы фæлгæты. Проект арæзт æрцыд æхсæнадон организаци "Беслæны мадæлты" уынаффæтæ хынцгæйæ.

, чтобы оставлять комментарии