Дзанайты Барисы разамындæй ацыд ахуырады фарстаты фæдыл æмбырд
Дзанайты Барисы разамындæй ацыд ахуырады фарстаты фæдыл æмбырд
Ног ахуыры азмæ цæттæдзинадыл æрныхас кодтой Дзанайты Барисы разамындæй æмбырды. Национ проект "Фæсивæд æмæ сывæллæттæ"-йы фæлгæты Цæгат Ирыстоны 24 скъолайы скæндзысты бындурон цалцæг. Уыдонæй 19-ы рацарæзт цæудзæн афæдз, 5-ы та 2 азы дæргъы. Сывæллæтты æнцонвадат уавæртæ æмæ æдасдзинады тыххæй бакуыстой ахуыры цыды программæтыл. "Скъолайы агъоммæйы ахуырады системæты модернизацийы" фæлгæты сног кæндзысты 6 рæвдауæндоны. Премьер-министр бафиппайдта, сывæллæттæн æмбæлгæ уавæртæ аразын у раззагдæр хæстæй иу, республикæйы сæргълæууæг кæй фæнысан кодта, уый. Премьер ма загъта, æппæт кусæндæтты цæттæгæнæн мадзæлттæ кæй хъæуы афойнадыл сæххæст кæнын, цæмæй сын уа фæззыгон-зымæгон рæстæгмæ цæттæдзинады акттæ. Базилын хæстæг фæзуæттæм дæр, фæхуыздæр кæнын фæндæгты уавæртæ. Премьер бадомдта хæрæндæтты, медицинон пунктты æмæ скъолаты автобусты санитарон уавæрмæ цæст дарын. Профилон министр Алыбегты Эллæйы ныхæстæм гæсгæ, басгæрстыты тыххæй арæзт æрцыд сæрмагонд къамис, æркæсдзысты 469 ахуыргæнæндонмæ. Уæлдай æргом здæхт уыдзæн объектты иумæйаг æдасдзинадмæ. Арæзт ма æрцыдысты уавæртæ сывæллæтты хъарм хæринагæй æххæст кæнынæн. Фароны ахуыры аз сихортæ истой 58 мин скъоладзауы. Уыцы нымæц кæндзæн фылдæр.