Номдзыд дирежер Дудараты Вероникæйы бюст байгом кодтой Мæскуыйы
Номдзыд дирежер Дудараты Вероникæйы бюст байгом кодтой Мæскуыйы
Номдзыд дирежер Дудараты Вероникæйы бюст байгом кодтой Мæскуыйы консерваторийы Стыр залы. Кадджын мадзал сбастой Советон Цæдисы адæмон артисткæйы райгуырды 110 азимæ. Бæрæг æй кæндзысты декабры. Уазджыты 'хсæн уыдысты Гергиты Валерий, Дзасохты Алыксандр. Скульптурæйы автор — Цæгат Ирыстоны адæмон нывгæнæг Соскъиты Владимир. Бюст æвæрд æрцыд музыкалон классикты галерейы, уым æвдыст цæуынц бæстæйы хъуыстгонд композитортæ æмæ зарæггæнджыты нывтæ.