"Спецэкосервис"ы кусджытæ дарддæр цалцæг кæнынц фæндæгтæ
"Спецэкосервис"ы кусджытæ дарддæр цалцæг кæнынц фæндæгтæ
Дзæуджыхъæуы сцалцæг кодтой асфальты 30 мин квадратон метры. Уый у афæдзы пъланæй 80%. Егъау фæндæгтыл куыстытæ фесты. Ныртæккæ кусджытæ Дзæуджыхъæуы 6 уынджы 'мпъузынц дзыхъхъытæ. Иу бригад бонмæ сног кæны уæлцъары 300 метры онг. Июлы фæндагаразджытæ сцалцæг кодтой Тургеневы æмæ Митькины номыл уынгтæ. Баивтой дзы асфальты 4 мин квадратон метрæй фылдæр. Дыууæ объектыл дæр сæвæрдтой уæлцъары дыууæ фæлтæры. Куыстытæ фесты æмгъуыдæй раздæр. Дзусты Ибрагимы номыл уынджы 30-æм хæдзары æхсæнвæндаджы цалцæг фæуыдзæн сæрды кæронмæ. Специалисттæ ныридæгæн бацæттæ кодтой бындур æмæ æвæрынц бетонæй дуртæ. Фæндаджы чысыл хæйттæ куы саразой, уæд бригадтæ рахиздзысты кæртыты 'хсæн бацæуæнтæм. "Спецэкосервисы" специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй дзыхъхъыты цалцæг Дзæуджыхъæуы цæуы афæдзы дæргъы.