Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн «Иугонд Уæрæсе» гом кæны ног кадрон программæ
Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн «Иугонд Уæрæсе» гом кæны ног кадрон программæ
Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн «Иугонд Уæрæсе» гом кæны «Время мастеров», зæгъгæ, ног кадрон программæ. Проект хæстонтæн æмæ ветерантæн фадат дæтты фӕлтӕрдджын специалистты разамындӕй ног дӕсныйад райсынӕн ӕмӕ промышленносты къабазы сӕхи бафæлварынæн. Раздӕр парти скусын кодта проект «Мой бизнес», уый амалхъомтæн ӕххуыс у архайды бындуртӕ ахуыр кӕнынӕн, радзырдта Сергей Меняйло. "Ахсджиаг у, ахæм хъӕппӕристы фӕрцы сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытӕ паддзахады 'рдыгӕй ӕххуыс кӕй ӕнкъарынц, сӕйрагдӕр та – сӕ бон кӕй у сабыр царды хи ссарын", - фӕбӕрӕг кодта регионы разамонæг.