Паддзахадон Думӕйы депутатты ӕвзӕрстыты агъоммӕ Дзӕуджыхъӕуы ацыд сесси

2 тыс. подписчиков

12+
12+

9 просмотров

14 дней назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

Паддзахадон Думӕйы депутатты ӕвзӕрстыты агъоммӕ Дзӕуджыхъӕуы ацыд сесси

2 тыс. подписчиков

12+
12+

9 просмотров

14 дней назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

9 просмотров

14 дней назад

Паддзахадон Думӕйы депутатты ӕвзӕрстыты агъоммӕ Цӕгат Ирыстоны ӕрныхас кодтой, йе 'нӕниздзинад хъыгдард кӕмӕн у, уыцы адӕмӕн хъæлæс кæныны хайæдтæ ӕнцонвадат скæныныл. Сесси ацыд фӕллой ӕмӕ социалон райрæзты министрады. Федералон ӕмвӕзадыл фыццаг хатт нысангонд цӕуы участоктӕ ассистивон технологитӕй ифтонг кӕныны стандарт. Ныхас канд стыр шрифт ӕмӕ Брайлы шрифтимӕ трафареттыл нӕ цӕуы. Фæзындзысты нырыккон фæрæзтæ дӕр. Уый фадат ратдзӕн хъыгдард æнæниздзинадимæ ӕвзарджытӕн сæ фӕндон зæгъынæн ӕмхуызон уавæртæ скæнынæн. Ӕмбырды архайджытӕ æрдзырдтой ӕндӕр фарстатыл дӕр. Се 'хсæн бархионты æххуыс чысылмобилон цæрджытæн. Ныхас цыд хӕдзары хъӕлӕс кӕнынæн æмбæлгæ уавæртæ скæныныл дæр. Уыимæ ма æргом аздæхтой республикæйы æмархайдмæ Уӕрӕсейы Социалон фонды хайадимӕ. Мадзал бацӕттӕ кодта Цӕгат Ирыстоны центрон ӕвзарӕн къамис регионы фӕллой ӕмӕ социалон рӕзты министрады ӕххуысӕй.

, чтобы оставлять комментарии